Уæрæсейаг æфсæдтæ бахызтысты Угледармæ æмæ æрфидар сты горæты кæрæтты

© Sputnik / Иван Родионов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Донецкаг адæмон республикæйы (ДАР) сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæджы уынаффæгæнæг Игорь Кимаковский фехъусын кодта, уæрæсейаг æфсæдтæ кæй бахызтысты Угледармæ æмæ æрфидар сты горæты кæрæтты.
"Бахызтысты æмæ æрфидар сты Угледары кæрæтты. Нæ артиллери кусы ныхмæлæууæджы ныхмæ, кæцы фæнд кæны контратакæ кæнын", - загъта Игорь Кимаковский "Соловьев Live" эфиры.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг тыхты хæслæвæрд у æрхъула кæнын Угледар Соледарæн куыд сарæзтой, афтæ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты. УФ презимдент Владимир Путин куыд бахахх кодта йæ нысан у "аст азы дæргъы кæй æфхæрдтой, геноцидæй удхарæй кæй мардтой, уыцы адæмы бахъахъхъæнын".
Ног хабӕртты лентӕ
0