Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы Су-25

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы Су-25
Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы Су-25 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй æрыппæрстой иу суткæмæ дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы Су-25.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхтæ Донецкаг адæмон республикæйы Андреевка цæрæн пункты æрыппæрстой украинæйаг хæдтæхæг СУ-25. Уæрæсейаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ Донецкаг адæмон республикæйы Угледар цæрæн пункты районы æрыппæрстой ноджы иу хæдтæхæг СУ-25", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уымæй дарддæр скуынæг кодтой аст украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты, æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæтæ "Ольха", "Ураган" æмæ HIMARS-ы авд сармадзаны æмæ америкæйаг ракетæ HARM.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 379 хӕдтӕхӕджы, 204 вертолеты, 2956 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 402 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7634 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 990 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3921 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8180 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0