МХМ радзырдтой, куыд хъæуы аскъуыддзаг кæнын хæдзарон фосы æнæцæстдардон хизыны проблемæ

© Пресс-служба МВД РЮОМХМ радзырдтой, куыд хъæуы аскъуыддзаг кæнын хæдзарон фосы æнæцæстдардон хизыны проблемæ
МХМ радзырдтой, куыд хъæуы аскъуыддзаг кæнын хæдзарон фосы æнæцæстдардон хизыны проблемæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Цхинвалы цыппæрæмы ацыд 2022 азы куысты фæдыл хыгъдлæвæрдон рабадт, кæцыйы рæстæджы мидхъуыддæгты дæлхайæдты хистæртæ банысан кодтой хæдзарон фосы æнæцæстдардон хизын æмæ дзæгъæл куыйты проблемæ.
Нысангонд æрцыд, æнæцастдардон хæдзарон фос кæй свæййы аварион уавæрты аххосаг фæндæгтыл. Ивгъуыд аз ставдкъах фосы хайадистæй республикæйы фæндæгтыл æрцыд 16 фæндагон-транспортон цауы, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
Афтæмæй хæдзарон фосы хицау сбæлвырд кæнын æмæ йæ бæрнмæ æрбаздахын стæм хатт бантысы.
Æрæмбырдуæвджытæ фехъусын кодтой, уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй фосыл хъæуы сæвæрын биркæтæ, кæцыты руаджы гæнæн уыдзæн сбæлвырд кæнын фосы хицауы æмæ йæ æрбаздахын бæрнмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0