Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ не ‘руагътой УГТ хӕцӕнгарз фронтмӕ ӕрбаласын ракетон цӕфты руаджы

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ не ‘руагътой УГТ хӕцӕнгарз фронтмӕ ӕрбаласын ракетон цӕфты руаджы
Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ не ‘руагътой УГТ хӕцӕнгарз фронтмӕ ӕрбаласын ракетон цӕфты руаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, егъау ракетон цӕфтӕ кӕй сӕххӕст кодтой Украинӕйы энергетикӕйы системӕйыл. Уый фӕстиуӕгӕн уӕрӕсейаг тыхтӕ не ‘руагътой Украинӕйы Гарзджын тыхты (УГТ) хӕцӕнгарз фронтмӕ ӕрбаласын.
"Ракетон цӕфты руаджы ӕрурӕдтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты ӕрбаласт хӕстон архӕйдтыты районтӕм. Афтӕ ма хӕлд ӕрцыд УГТ хӕстон техникӕйы цалцӕг кӕныны фӕдыл куыстуатты куыст", - загътой уагдоны.
Афтӕ ма иу суткӕмӕ уӕрӕсейаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой 11 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты ӕмӕ залпон ӕхсты реактивон системӕтӕ "Ольха", "Ураган" ӕмӕ HIMARS-ы 14 сармадзаны.
"УФ уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ Донецкаг адӕмон республикӕйы Угледар цӕрӕн пункты районы ӕрыппӕрстой украинӕйаг хӕдтӕхӕг Су-25", - бафтыдтой Хъахъхъӕнынады министрады.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 380 хӕдтӕхӕджы, 204 вертолеты, 2967 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 402 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7644 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 991 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3932 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8191 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0