Цæгат Ирмæ æрластой хъæддаг зубрты Хъæрæс-Черкесæй

© Sputnik / Владимир Горовых /  Ахизын медиабанкмæЗубртæ
Зубртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Турмонаг æрдзон æвæрд бынатмæ æрбаластой æхсæз зубры Хъæрæсе-Черкесæй, хъусын кæнынц хъæддаг æрдзы Æппæтдунеон фонды официалон сайтыл.
Æхсæз ног зубры æввахс мæйы арвитдзысты карантинон вольеры æвæрд бынаты территорийыл. Арæнæвæрдон территори у 5 гектары бæрц. Уый фæстæ сырдты рауаддзысты æрдзмæ.
"Зæгъын хъæуы уый æмæ хъæддаг зубрты æрцахстой Цæгат Кавказы фыццаг хатт. Раздæр сырдты ластой Цæгат Кавказмæ хъомылгæнæнтæй. Уым зубртæн хæрын кæнынц æрвылбон, арæхдæр уыныц адæмы æмæ сыл æууæндынц", - радзырдта экорегион "Российский Кавказ"-ы WWF проектты хистæр коодинатор Роман Мнацеканов.
Уымæй размæ фонд æрласта Окскаг æвæрд бынатæй 18 цæрæгойы. Зубртæ иттæг хорз адаптаци ацыдысты æмæ цæуæт рауагътой.
Æппæтдунеон хъæддаг æрдзы фонды æмгуыстад РЦИ-Аланийы Æрдзы министрадимæ ахъаз фæцис Цейы зубрты къорд бахъахъхъæнынæн. Куыд банысан кодтой специалисттæ, афтæмæй ныр та сæ сæйраг нысан у – саразын ног къорд Турмонаг æвæрд бынаты базæйыл. Тæккæ уым ис республикæйы стырдæр хъæды территориты массив, æрцæрæн дзы ис 300 зубрæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0