Цæгат Иры нывæндынц саразын IT-хъæу

© Fotolia / SkyLineЦæгат Иры нывæндынц саразын IT-хъæу
Цæгат Иры нывæндынц саразын IT-хъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны кусынц IT-хъæу саразыны проектыл, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, проект реализацигонд кæй æрцæудзæн информацион технологитæ æмæ фадыджы специалистты æххуысæй.
"Цифровая Алания"-йы директор Нартыхты Александр куыд бахахх кодта, афтæмæй IT-хъæуы уыдзæн астæуккаг скъола, сабидон, спортивон комплекстæ. Автортæ банысан кодтой, "проекты нысан у æрбахонын æрмæст информацион технологиты фадыджы специалистты нæ, фæлæ скъолайы æмæ университеты педагогты".
Ныры рæстæджы уал активонæй куыст цæуы æнæмæнгхъæуæг документацийы пакет саразыныл, цæмæй йæ бахъахъхъæной республикон инвестицион уынаффæйыл, уый фæстæ автортæ цæттæ сты объект аразынмæ æрæвналын.
Проекты реализацийы рæстæджы йæ хайадисджытыл парахат кæндзысты федералон æмвæзадыл хъуыстгонд льготæтæ IT-специалисттæн паддзахадон æххуысы фæдыл, зæгъæм, ипотекæ чысыл процентимæ æнæ фыццаг фиддонæй, бафтыдтой хъусинаджы.
© Пресс-служба главы РСО-АланияЦæгат Иры нывæндынц саразын IT-хъæу
В Северной Осетии разрабатывают проект строительства IT- деревни - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2023
Цæгат Иры нывæндынц саразын IT-хъæу
Ног хабӕртты лентӕ
0