Запорожаг областы уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ӕрыппӕрстой украинӕйаг вертолет Ми-8

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæВертолет
Вертолет - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, иу суктӕмӕ кӕй скуынӕг кодтой украинӕйаг вертолет Ми-8, дыууӕ ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, залпон ӕхсты реактивон системӕты цыппар сармадзаны ӕмӕ радарты ныхмӕ дыууӕ ракетӕйы.
"Уӕрӕсейаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ Запорожаг областы Новодаровка цӕрӕн пункты районы ӕрыппӕрстой Украинӕйы Гарзджын тыхты вертолет Ми-8. Афтӕ ма иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой дыууӕ ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты ӕмӕ залпон ӕхсты реактивон системӕтӕ HIMARS ӕмӕ "Ураган"-ы цыппар сармадзаны", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уымӕй дарддӕр уӕрӕсейаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой радарты ныхмӕ дыууӕ ракетӕйы HARM Херсоны областы. УФ оперативон-тактикон авиаци, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери фехстой ныхмӕлӕууӕджы 73 артиллерион дӕлхайады, афтӕ ма удӕгас тыхтӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ 138 районы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 381 хӕдтӕхӕджы, 205 вертолеты, 2982 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 402 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7679 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 997 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3962 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8226 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0