Цæгат Иры сараздзысты мастер-нывæзтытæ туристон территоритæн

© Mikhail GassievЦæгат Иры сараздзысты мастер-нывæзтытæ туристон территоритæн
Цæгат Иры сараздзысты мастер-нывæзтытæ туристон территоритæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Цæгат Ирыстоны мартмæ сараздзысты туристон территориты райрæзтæн мастер-нывæзтытæ. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ туризмы комитеты сæрдар Дзæрæхохты Ацæмæз æрдзырдтой ацы проекты фæдыл фембæлды рæстæджы. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Кæцыдæр локацитæн арæзт æрцæудзысты фæндаггæрон лæггæдтæ, навигаци, хæрзарæзтад, кæсæн фæзуæттæ, фистæгæй маршруттæ. Уникалон туристон территоритæн, куыд Дæргъæвс æмæ Фæснал, спрезентаци кодтой райрæзты локалон мастер-нывæзтытæ – комплексон проекттæ, кæцыты ис архитектурон концепцитæ", - радзырдта Дзæрæхохты Ацæмæз.
Сергей Меняйло банысан кодта, кæй хъæуы пайда кæнын нырыккон информацион технологитæй туризмы, сæйраджыдæр, туристон навигаторы, кæцы баххуыс кæндзæн республикæйы уазджытæн.
Уымæй дарддæр нывæндынц саразын бирæпрофилон уæлæмхасæн, кæцыйæ пайда кæндзысты куыд информацион навигатор. Уым бавдисдзысты информаци экстремалон уавæрты хидарыны фæтктæ æмæ документтæ аразыны фæдыл, афтæ ма бирæ пайдаджын информаци.
Ног хабӕртты лентӕ
0