УФ Гарзджын тыхтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы ӕфсады пехотӕ ӕмӕ техникӕ 126 районы

© Sputnik / Виктор Антонюк /  Ахизын медиабанкмæУФ Гарзджын тыхтӕ
УФ Гарзджын тыхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.01.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой Украинӕйы Гарзджын тыхты 84 артиллерион дӕлхайады. Уый тыххӕй хъусын кӕны Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад.
Уф Гарзджын тыхты артиллери, авиаци ӕмӕ ракетон ӕфсӕдтӕ скуынӕг кодтой знаджы удӕгас тыхтӕ ӕмӕ хӕстон техникӕ 126 районы.
Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой Украинӕйы уӕлдӕфон тыхты вертолет Ми-8 ӕмӕ фондз ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, афтӕ ма залпон ӕхсты реактивон системӕ HIMARS-ы ӕртӕ сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 381 хӕдтӕхӕджы, 206 вертолеты, 2987 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 402 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7691 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 997 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3970 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8229 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0