Гаглойты Алан сарæзта кадрон ивындзинæдтæ юстицийы министрады

© Sputnik / Ада БагианЮстицийы министрад
Юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Æлборты Родионы юстицийы министры фыццаг хæдивæгæй снысан кæныны фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Афтæ ма Гаглойты Алан бафыста барамынд Цхуырбаты Нинайы юстицийы министры хæдивæгæй снысан кæныны фæдыл.
Барамындтæ сæ тыхы бахызтысты сæ бафысты бонæй, 1 февралæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0