Æхсæнадæмон женеваг дискусситы æмсæрдартимæ фембæлд ницы пайда у – Уæрæсейы ФХМ

© Sputnik / Евгений ОдиноковУæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад
Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik. Мæскуыйы 3 февралы нывæстгонд фембæлд Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Æхсæнадæмон женеваг дискусситы æмсæрдартимæ ницы пайда у уадзын, уымæн æмæ Ныгуылæны бæстæтæ дарддæр уадзынц деструктивон политикæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) официалон минæвар Мария Захарова.
"Уæрæсейаг фарс нæ банымадта пайдаджыныл 3 февральмæ нывæстгонд фембæлд Æхсæнадæмон женеваг дискусситы æмсæрдартимæ. Женеваг форматы архайд хъуамæ хæлд ма цæуа. Æнхъæлмæ кæсæм, нæ сигналтæ нын кæй фехъусдзысты Брюссель, Вена æмæ Нью-Йоркы", - фехъусын кодта Захарова.
Уый ма банысан кодта, ацы бонты уæрæсейаг фарс кæй райста Æхсæнадæмон женеваг дискусситы æмсæрдартæй куырдиат 21-22 февралы фембæлд аргъæвыны фæдыл 4-5 апрельмæ.
Уый размæ та Абхазы ФХМ не сразы æмсæрдарты делегацийы æрцыдыл республикæмæ, уымæн æмæ Евроцæдис, ИНО æмæ ОБСЕ аргъæвтой дискусситы 57-æм раунд.
Ног хабӕртты лентӕ
0