https://sputnik-ossetia.com/20230201/khussar-iry-rayrzty-lokomotiv-tskhinvaly-atsyd-zonady-bonn-nyvond-konferentsi-21272731.html
Хуссар Иры райрæзты локомотив: Цхинвалы ацыд Зонады бонæн нывонд конференци
Хуссар Иры райрæзты локомотив: Цхинвалы ацыд Зонады бонæн нывонд конференци
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты æртыццæджы ацыд зонадон конференци, кæцы нывонд у Зонады бонæн, уыцы бæрæгбон... 01.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-01T14:08+0300
2023-02-01T14:08+0300
2023-02-01T16:47+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
зонад
гаглойты алан
ӕхсӕнад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/01/21273190_272:691:2685:2048_1920x0_80_0_0_5c0f9ab6e245fe53b82875efc7013801.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты æртыццæджы ацыд зонадон конференци, кæцы нывонд у Зонады бонæн, уыцы бæрæгбон æрвылаз нысан кæнынц 1 февралы. Мадзалы хайад райстой республикæйы президент Гаглойты Алан, ахуырады министр Джиоты Ариана, афтæ ма ХИПУ ректор Тедеты Вадим.Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта Зонад-иртасæн институты кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зонадæн кæй ис сæйраг бынат Хуссар Ирыстоны райрæзты.Йæ ралæуды фæстæ президент радта Зонад-иртасæн институты къорд кусджытæн кадджын ном "Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг", афтæ ма паддзахадон хорзæхтæ дæр.Конференцийы рæстæджы радзырдтой цалдæр доклады, кæцытæ хауынц Хуссар Ирыстоны сæйаг проблемæтæм, сæ нымæцы ахуырад æмæ ирон æвзаджы райрæзты проблемæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/01/21273190_463:694:2268:2048_1920x0_80_0_0_bbb8c31fac30cfda685ac54bc44da60f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, зонад, гаглойты алан, ӕхсӕнад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, зонад, гаглойты алан, ӕхсӕнад
Хуссар Иры райрæзты локомотив: Цхинвалы ацыд Зонады бонæн нывонд конференци
14:08 01.02.2023 (Ранӕуӕггонд: 16:47 01.02.2023) ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты æртыццæджы ацыд зонадон конференци, кæцы нывонд у Зонады бонæн, уыцы бæрæгбон æрвылаз нысан кæнынц 1 февралы. Мадзалы хайад райстой республикæйы президент Гаглойты Алан, ахуырады министр Джиоты Ариана, афтæ ма ХИПУ ректор Тедеты Вадим.
Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта Зонад-иртасæн институты кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зонадæн кæй ис сæйраг бынат Хуссар Ирыстоны райрæзты.
"Стыр бузныг уын нæ республикæйы райрæзты локомотив кæй стут, уый тыххæй. Ацы институты куыстой æмæ ныр дæр кусынц бирæ номдзыд ахуыргондтæ. Бузныг уын уæ уæззау куысты тыххæй, кæцы цæуы æппæт Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн. Уæлдай æхсызгон у уынын ам ахуыргондты æвзонг фæлтæр, кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, адарддæр кæндзысты куыст, кæцыйыл архайы йæ сæвзæрдæй фæстæмæ Зонад-иртасæн институт", - бахахх кодта президент.
Йæ ралæуды фæстæ президент радта Зонад-иртасæн институты къорд кусджытæн кадджын ном "Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг", афтæ ма паддзахадон хорзæхтæ дæр.
Конференцийы рæстæджы радзырдтой цалдæр доклады, кæцытæ хауынц Хуссар Ирыстоны сæйаг проблемæтæм, сæ нымæцы ахуырад æмæ ирон æвзаджы райрæзты проблемæ.