https://sputnik-ossetia.com/20230202/khussayrag-fsddon-zyldy-fsddont-tsgat-iry-snziankhom-kodtoy-diversantty-21289791.html
Хуссайраг Æфсæддон Зылды æфсæддонтæ Цæгат Иры сæнæзианхъом кодтой "диверсантты"
Хуссайраг Æфсæддон Зылды æфсæддонтæ Цæгат Иры сæнæзианхъом кодтой "диверсантты"
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Хуссайраг Æфсæддон Зылды 58-æм иумæйагон-хæстон æфсады терроризмы ныхмæ архайды дæлфадгуыты æфсæддонтимæ уадзынц... 02.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-02T15:32+0300
2023-02-02T15:32+0300
2023-02-02T15:32+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/02/21289055_16:98:535:390_1920x0_80_0_0_aa5446d9b4d5249d343443765a46e49a.jpg
ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Хуссайраг Æфсæддон Зылды 58-æм иумæйагон-хæстон æфсады терроризмы ныхмæ архайды дæлфадгуыты æфсæддонтимæ уадзынц ахуыртæ æфсæддон хайадтæ æмæ гарнизонты.Уымæй дарддæр ма антитерроры сæрмагонд къорды æмбырд бакуыста цæфтæ кæмæн уыд, уыдоны эвакуацийыл, радиацион æмæ химикон разысгæрсты хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны районы.Куыд банысан кодтой зылды пресс-службæйы, афтæмæй хæстон уавæр саразынæн спайда кодтой бирæнымæц имитацийы фæрæзтæй, æнæифтыгъд хæстæрмæг, фæздæджытæй.Антитеррористикон архады фæдыл фæлварæнтæ цæуынц регулæронæй, уымæ гæсгæ æфсæддон дæлфадгуыты цæттæдзинад ис бæрзонд æмвæзадыл, фидар кæны ХÆЗ æфсæддонты æмгуыстад æмæ арæхстдзинад алыхуызон уавæрты хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/02/21289055_78:95:472:390_1920x0_80_0_0_967db322c3f787b6e957b7840628258d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
Хуссайраг Æфсæддон Зылды æфсæддонтæ Цæгат Иры сæнæзианхъом кодтой "диверсантты"
ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Хуссайраг Æфсæддон Зылды 58-æм иумæйагон-хæстон æфсады терроризмы ныхмæ архайды дæлфадгуыты æфсæддонтимæ уадзынц ахуыртæ æфсæддон хайадтæ æмæ гарнизонты.
"Ахуырадон мадзæлтты нывæстмæ гæсгæ, æфсæддонтæ сæххæст кодтой архайд бадзырдон-сгарæн къордтæ гарнизоны территори æмæ æфсæддон объекттæм ма ᾿рбауадзын сæрмагонд фæрæзты фæрцы, æфсæддон техникæ, афтæ ма хъахъхъæнæг куыйты руаджы", - хъусын кæны ХÆЗ пресс-службæ.
Уымæй дарддæр ма антитерроры сæрмагонд къорды æмбырд бакуыста цæфтæ кæмæн уыд, уыдоны эвакуацийыл, радиацион æмæ химикон разысгæрсты хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны районы.
Куыд банысан кодтой зылды пресс-службæйы, афтæмæй хæстон уавæр саразынæн спайда кодтой бирæнымæц имитацийы фæрæзтæй, æнæифтыгъд хæстæрмæг, фæздæджытæй.
Антитеррористикон архады фæдыл фæлварæнтæ цæуынц регулæронæй, уымæ гæсгæ æфсæддон дæлфадгуыты цæттæдзинад ис бæрзонд æмвæзадыл, фидар кæны ХÆЗ æфсæддонты æмгуыстад æмæ арæхстдзинад алыхуызон уавæрты хæслæвæрд æххæст кæныны рæстæджы.