Цæгат Иры 2022 азы 77 сидзæр сывæллоны сифтонг кодтой цæрæнуатæй

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры 2022 азы 77 сидзæр сывæллоны сифтонг кодтой цæрæнуатæй
Цæгат Иры 2022 азы 77 сидзæр сывæллоны сифтонг кодтой цæрæнуатæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны 2022 азы сидзæр сывæллæттæн балхæдтой 77 цæрæнуаты. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Ныртæккæ Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты цæрджыты социалон хъахъхъæнынады дæлхайадтæ уадзынц юридикон процедурæтæ, цæмæй ныффыссой цæрджытыл цæрæн бæстыхæйттæ, уый фæстæ банысангонд категорийы æмбæстæгтимæ, кæцытæн балхæдтой фатертæ, бафысдзысты бадзырдтæ сæрмагонд цæрн бæстыхайы фæдыл", - радзырдта фæллойад æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Маматы Анджела.
Цæрæнуат балхæнынæн федералон æмæ республикон бюджеттæй рахицæн кодтой 168 милуан сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0