Сывæллæттæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц стартмæ: Терлеева "Золотая рыбка" ерысты тыххæй

© Sputnik / Фатима ПлиеваЛенк кæныны ерыстæ
Ленк кæныны ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æвзонг ленкгæнджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц республикон ерыстæ "Золотая рыбка"-йы ног сезонмæ, кæцы цæудзæн Цхинвалы Спорты галуан "Олимп"-ы. Уый тыххæй Sputnik радзырдта ленк кæныны тренер Евгения Терлеева.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ерыстæ райдайдзысты 5 февралы.
"Ацы бон ацæудзæн ерысты фыццаг этап. Хайад дзы райсдзысты æрмстæдæр фæсонтыл ленкгæнджытæ. Кары къордтæм гæсгæ æвзонг спортсментæ аленк кæндзысты 25-æй 100 метры онг", - радзырдта тренер.
© Sputnik / Natalia AiriyanЕвгения Терлеева
Евгения Терлеева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2023
Евгения Терлеева
Терлеевайы ныхæстæм гæсгæ, "Золотая рыбка"-йы иууыл цымыдисондæр этап уыдзæн цыппæрæм, цы ран спортсментæ ерыс кæндзысты комплексон ленк кæнынæй.
"Уый ацæудзæн 30 апрелы. Цымыдисон уыдзæн фенын, куыд ленк кæндзысты сабитæ цыппар стилы", - банысан кодта уый.
Евгения Терлеева ма радзырдта, ленк кæныны цахæм стильтæ бавдисдзысты æндæр этапты.
"Дыккаг этапыл, кæцы ацæудзæн 5 марты, сывæллæттæ ерыс кæндзысты баттерфляй стилæй. 2 апрелы ацæудзæн æртыккаг этап, цы ран бавдисдзысты брасс. Кæронбæттæн, æхсæзæм этапыл, спортсментæ ерыс кæндзысты кроль стилæй. Ацы этап нывонд уыдзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны бонæн", - бахахх кодта тренер.
Терлеева бафтыдта, зæгъгæ, ерысты фыццаг этапы хайад райсдзысты 200-мæ æввахс ленкгæнæджы, сæ нымæцы 27 спортсмены Дзæуджыхъæуæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0