Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

31. ДЗАНГ ÆМÆ ГАБО ÆРЫЗДÆХТЫСТЫ ХÆДЗАРМÆ

31. ДЗАНГ ÆМÆ ГАБО ÆРЫЗДÆХТЫСТЫ ХÆДЗАРМÆ
Рафыссын
Хур арвы астæуæй фæкъул, афтæ хорхæсджытæ уæззау уæргътимæ схæццæ сты æфцæджы рагъмæ, Уастырджийы кувæндоны къуылдыммæ. Бæлццæттæ сæ худтæ систой, скуывтой Уастырджимæ, стæй се ’ххормаг фæллад бæхтæ æмæ хæрджыты цъæх кæрдæгыл суагътой. Сæхæдæг дæр фæлмæцыдæй уæлгоммæ атылдысты нæууыл.
Ныр нал тагъд кодтой. Мæнæ æфцæгæй фæуырдыг уыдзысты æмæ ма хур бæрзонд уыдзæн арвыл, афтæ ныххæццæ уыдзысты Цæргæсбадæнмæ.
Æниу тагъд та куыннæ кæнынц, фæндаг хæдзармæ куыд цыбырдæр кæны, афтæ фæкадавардæр сæ ныхас, сæ зæрдæтæ тынгдæр æхсайдтой сæ бинонтæм. Табу Хуыцауæн, кæд сæхицæй куы рацыдысты, уæдæй фæстæмæ уæззау куыстæй се рагъы цæрмттæ растъыхстысты, сæ армытъæпæнтæ къæпи, цæвæг æмæ фæрæты хъæдтыл хæцгæйæ сæвæрдтой уæзæг, уæддæр сæ куысты мыздæй сæ зæрдæ райы æмæ хъæцынц се ’ртæ мæйы зындоны фыдæбæттыл. Ныр та фидæн уалдзæджы фæудмæ уыдзысты сæ бинонтимæ.
Райгонд сты сæ балцæй Дзанг æмæ Габо дæр. Сæ фысым, алагираг æнæзонгæ лæг Мадзаты Бибо, тынг зæрдæхæлар æмæ уазæгуарзон разынд. Æцæг, Дзанг дæр æмæ Габо дæр сæхиуыл нæ бацауæрстой, уыйхыгъд фысым дæр сæ хъыджы нæ бацыд.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0