Хуссар Иры нæ банкъардтой Турчы зæххæнкъуыст

© Depositphotos.com / DestinacigdemСейсмограф
Сейсмограф - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik. Турчы зæххæнкъуыст не ‘рбахæццæ Хуссар Ирыстонмæ, фехъусын кодтой Sputnik республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) къуырисæры райсом.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фехæлдты фæдыл хъусинæгтæ не ‘рбацыд радгæсонтæм.
"Суткæ ацыд сабырæй, ницы цаутæ сбæлвырд кодтам", - бафтыдтой радгæсон хайады.
Турчы Кахраманмараш провинцийы 04.17 сахатыл æрцыд 7,4 магнитудæйы зæххæнкъуыст. Хъусын кодтой фехæлдты тыххæй Турчы горæтты, Сирийы цалдæр регионы, зæххæнкъуыст ма банкъардтой Ливаны столицæ Бейруты.
Ног хабӕртты лентӕ
0