Транскам кусы штатон режимы – Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik. Транскам кусы штатон режимы, фехъусын кодтой Sputnik республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайады.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, трассæйыл уары чысыл мит, фæлæ уый тæссаг нæу фæндагон змæлдæн.
"Ручъы хъæуы фæндаг асалд. Фæндагон кусджытæ ныридæгæн ацыдысты æмæ бавнæлдтой трассæ сыгъдæг кæнынмæ. Фæндаг æхгæнынмæ нæ хъавы", - бафтыдтой радгæсон хайады.
Транскам у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ. Йӕ дӕргъ у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0