Транскамыл змæлд гæнæн ис æмæ æруромой изæрырдæм – Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскамыл змæлд гæнæн ис æмæм æруромой изæрырдæм – Хуссар Ирыстоны УУМ
Транскамыл змæлд гæнæн ис æмæм æруромой изæрырдæм – Хуссар Ирыстоны УУМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ фехъусын кодтой, Транскавказаг магистраль изæры сахатты гæнæн ис æмæ сæхгæной æвзæр боныгъæды тыххæй.

"Боныгъæд кæй æвзæр кæны, уый тыххæй гæнæн ис æмæ сæхгæнæм Транскавказаг автомагистраль изæры", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.

Уагдоны ма бафæдзæхстой хæдтулгæты шофырты, цæмæй сæ балцытæ рагацау нывæндой.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъад у 164 километры.
Ног хабӕртты лентӕ
0