Беслæны дарддæр цæуынц 500 бынатæн скъолайы амайыны куыстытæ

© Depositphotos.com / ArturVerkhovetskiyБеслæны дарддæр цæуынц 500 бынатæн скъолайы амайыны куыстытæ
Беслæны дарддæр цæуынц 500 бынатæн скъолайы амайыны куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Цæгатирыстойнаг горæт Беслæны дарддæр амайынц 500 бынатæн скъола. Проектмæ гæсгæ скъола арæзт уыдзæн алыхуызон уæладзгуытæй цалдæр блокæй. Уый тыххæй хъусын кæны 15-й Регион.
"Ныртæккæ объекты уадзынц ахæм куыстытæ: агуыридурæй амайынц 1-2 уæладзыджы къултæ, монолитон æмæ æфсæн-бетонæй æмбæрзтытæ 1-аг æмæ 2-аг уæладзыгуытыл, монолитон комплексон конструкцитæ, монолитон мидæггагон асинтæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Скъолайы уыдзæсты актон æмæ спортивон залтæ, кабинеттæ, библиотекæ, хæрæндон, кæрты та – футболон фæзуат.
Банысангонд æрцыд, объекты амайын цæуы националон проект "Образование"-йы арæнæвæрды.
Ног хабӕртты лентӕ
0