Гаглойты Алан ацыд Мæскуымæ кусæгон балцы

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан ацыдис Мæскуымæ кусæгон визитимæ
Гаглойты Алан ацыдис Мæскуымæ кусæгон визитимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Президент Гаглойты Алан ацыд кусæгон балцы Уæрæсейы Федерацимæ, цы ран хайад райсдзæн Æхсæнхицауадон къамисы XXI рабадты УФ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ᾿хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл, кæцы ацæудзæн 8 февралы Мæскуыйы. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Рабадты æрныхас кæндзысты 2022-2025 азты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты реализацийы фæдыл Паддзахадон программæйы фарстытыл, 2023 азмæ уæрæсейаг финансон æххуыс республикæйы социалон-экономикон райрæзтæн, Инвестицион программæйы реализаци æмæ æндæр фарстатыл", - дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

УФ æмæ РХИ æмгуыстады фæдыл социалон-экономикон райрæзты Æхсæнхицауадон къамис арæзт æрцыд 2009 азы. Æхсæнхицауадон къамисы рабадтытæ ацæуынц радгай Цхинвал æмæ Мæскуыйы, сæ ныхасы сæр вæййы республикæйы социалон-экономикон райрæзты фарстытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0