Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады музей баххæст Беппиты Изольдæйы фыццаг видеокамерæйæ

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады музей баххæст ис фыццаг видеокамерæйæ
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады музей баххæст ис фыццаг видеокамерæйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады музейæн лæвæрд æрцыд хъахъхъæнæнадон уагдоны пресс-службæйы раздæры кусæг Беппиты Изольдæйы видеокамерæ.
Беппиты Изольдæ лæууыд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæн сæ бындурæвæрды райдианы. Бирæ тыхтæ радта 1990-æм азты регулярон националон æфсад скæныны фæдыл цы мадзæлттæ цыд, уыдон информацион ифтонг кæныны фæдыл. Изольдæ йæ камерæйыл иста паддзахадон нысаниуæгджын цаутæ, скъуыддзæгтæ, кæцытæ нæ къухдариуæгад иста хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинадыфарстыты фæдыл.
Изольдæ Владимиры чызджы раз лæууыдысты Гарзджын тыхтæн сæ архæйдтыты аспекттæ. Йæ съемкæтæ йын бахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы "сыгъзæрин фонд" - мæ.
© Sputnik / Наталья АйриянБеппиты Изольдæ
Изольда Беппиева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2023
Беппиты Изольдæ
Беппиты Изольдæ йæ цардæй ахицæн 2022 азы августы мæйы уæззау низы фæстиуæгæн, цыд йыл 76 азы.
Хицæн азты Беппиты чызг куыста Информаци æмæ мыхуыры комитеты, Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвигы пресс-службæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0