Куыд кусынц рейсон автобустæ Хуссар Иры æвзæр боныгъæды уавæрты

© Sputnik / Natalia Airiyan Куыд кусынц рейсон автобустæ Хуссар Ирыстоны æвзæр боныгъæды
Куыд кусынц рейсон автобустæ Хуссар Ирыстоны æвзæр боныгъæды - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхджын митуард республикæйы районтимæ бастдзинадæн цæлхдуртæ нæ сæвæрдта, фехъусын кодта Sputnik автомобилон транспорты фæткдаруаты сæргълæууæг Багаты Альберт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, æппæты фылдæр мит æруарыд Ленингоры район, Къуайса æмæ трассæ Цхинвал-Дзæуджыхъæуы.

"Иннæ районты уыййас мит не ᾿руарыд, цæмæй транспорт йæ куыст баурома", - банысан кодта Багаты Альберт.

Куыд ма бафтыдта Багаты Альберт, афтæмæй автобусты шофыртæ рагацау ахызтысты зымæгон цæлхытæм. Кæлæхимæ проблемæтæ нæй, уымæн æмæ фæндагон æмæ коммуналон службæтæ цæсгомджынæй кæнынц сæ куыст.
Ног хабӕртты лентӕ
0