УФ кабмин сразы ис, цæмæй Хуссар Ир рахиза ЕАЭЦ таможнæйы тарифтæм

© Sputnik / Табылды КадырбековЕАЭЦ
ЕАЭЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Уæрæсейы хицауад сразы сты Евразиаг экономикон цæдисы иумæйаг таможнæйы тариф æмæ УФ таможнæйы фиддонты бæрцмæ Хуссар Ирыстоны ахизыны фæткæвæрды протоколыл. Æмбæлон бардзырд мыхыргонд æрцыд барадон информацийы официалон порталыл.
"Уæрæсейы Федералон таможнæйон службæйы æвджид бакæнын хуссарирыстойнаг фарсимæ баныхас кæнын æмæ бафыссын банысангонд бадзырдты Протокол Уæрæсейы Федерацийы номæй, бар радтын егъау нысаниуæг кæмæн нæй, ахæм ивындзинæдтæ хæссын æрбавдисгæ проектмæ, - дзырдæуы барамынды.
Документы нысангонд æрцыд, Хуссар Ирыстон Протокол йæ тыхы бахизынæй иу мæйы дæргъы рахиздзæн ЕАЭЦ иумæйаг таможнæйы тариф æмæ УФ таможнæйы фиддонты бæрцмæ. Уæрæсейаг фарс та развæлгъау дæтты информаци Хуссар Ирыстонæн ЕАЭЦ тарифтæ æмæ таможнæйон фиддонты ивындзинæдты тыххæй.
Мæскуыйы 2015 азы марты бафыстæуыд бадзырд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы хсæн хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл. Бадзырдмæ гæсгæ, бафыстæуыд документ дыууæ бæстæйы таможнæйон органты интеграцийы фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0