Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

32. АГУЫНДÆЙЫ АМÆЛÆТЫ ТÆССАГ СУСÆГ ХАБАР

32. АГУЫНДÆЙЫ АМÆЛÆТЫ ТÆССАГ СУСÆГ ХАБАР
Рафыссын
Ныр къуырийы бæрц рацыди, Агуындæйы уæлмæрдмæ куы схастой, æмæ уæдæй нырмæ æрæнцой нал зонынц æгас хъæубæстæ, удхарæй сæ мары иу фарст. Куыд æрцыди ахæм æвирхъау хабар? Чи уыди, цъититы скъуыды йын йемæ цы лæджы ссардтой, уый? Цæмæн æй ныппæрста Дзанг ихын уæрмы фæстæмæ æмæ йæ уырдæм цæмæн нынныгæдта дуртæ æмæ ихты фæзгъæртæй?
Цыдæр тæссаг сусæг хабар дзы ис, фæлæ цы? Кæрæдзи аивтæй фæрсынц, — дзуапп ын ницыхуызы арынц. Хъуыддаг та Дзанг кæй зоны — хатынц. Фæлæ лæг йе стыр мæты фæхуыдыг æмæ йæ уый нал æндавы. Сæхæдæг æй бафæрсой, уый та сæм æгæр зын кæсы. Афтæмæй æнхъæлмæ кæсынц, — Дзанг йæ мæты хуыдымæй кæд слæсдзæни æмæ, райхалын чи нæуал комы, уыцы тæригъæды сусæгдзинады æлхынцъ кæд райхæлдзæни.
Фæлæ æгæр уæззау цæф фæци Дзанджы зæрдæ. Калм фæсвæд ранæй сусæгæй фæхæцыд æмæ зæрдæ, зонд, буар æгасæйдæр фæхъæстæ. Ницыуал уыны, ницыуал æмбары, ницыуал хъусы. Æрмæст ма хаты уый, цыма тæхы цъитийы скъуыды уазал уæрмы, сатæгсау арф ингæнмæ, фæлæ бынмæ нал æмæ нал хæццæ кæны.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0