https://sputnik-ossetia.com/20230208/33-khsan-m-zrinyy-fytstsag-fembld-21326452.html
33. ХÆСАНÆ ÆМÆ ЗÆРИНÆЙЫ ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД
33. ХÆСАНÆ ÆМÆ ЗÆРИНÆЙЫ ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД
Æхсæвы лæг йæ чызджы халагъуды схуыссын кодта, мæнæн æмæ йæхицæн та халагъуды фарсмæ хосы уæлæ нымæттæ æрытыдта. 08.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-08T16:30+0300
2023-02-08T16:30+0300
2023-02-08T16:30+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/03/21326287_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_da9db21f6b4e32b0c03c1f7a642b49e2.png
33. ХÆСАНÆ ÆМÆ ЗÆРИНÆЙЫ ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД
33. ХÆСАНÆ ÆМÆ ЗÆРИНÆЙЫ ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД
Æхсæвы лæг йæ чызджы халагъуды схуыссын кодта, мæнæн æмæ йæхицæн та халагъуды фарсмæ хосы уæлæ нымæттæ æрытыдта.Æрæгмæ бафынæй дæн уыцы æхсæв. Мæ сæрмæ бур-бурид фиуау æрзæбул и мæйы тымбылæг. Дæлийæ кæмдæр арф комæй суанг æфцæджы рагъмæ хъуысти æхсæрдзæны æнуд уынæр, мæ тæккæ акомкоммæ комæн йæ иннæ фарсы ’рдыгæй Тызмæг хохы дæлвæдджийæ суанг дæр комы хъæлæсмæ, галы æвзагау, æрлæсти урс-урсид уадздзæг.Мæ сæры рыст банцад. Диссаг, цымæ мын ыл цавæр кæрдæджытæ сæвæрдтой? Науæд мæ ивддзагæй цæмæн ныммырхтой? Чи у уыцы лæг — сæ зæрдæты сын мæт чи бауагъта? Стæй ацы чызг Зæринæ? Куыд цæрдæг æмæ хин разынд, куыд мæ афæлывта. Æниу, æвæдза, куыд рæсугъд у æмæ цы æвгъау у ам æфцæджы цьуппыл фосы фæдыл. Абон изæрæй мæм цалдæр хатты йæ цæсты зулæй хъуызгæ каст æрбакодта. О, ме скæнæг, æмæ йын цы цæстытæ ис, цы цæстытæ. Стæй цы гуыры конд. Зæххон дæр нæ, фæлæ уæларвон зæд.Срæйдта мæ фысымы куыдз. Фыццаг сабыргай, стæй фæдис хуызæй. Æвæццæгæн, æввахс кæмдæр сырд, гъе, æндæр цыдæр ахæм фыдбылыз фæзынди.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/03/21326287_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_9996c20f3f8aae30dc8ea052b661616d.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Æхсæвы лæг йæ чызджы халагъуды схуыссын кодта, мæнæн æмæ йæхицæн та халагъуды фарсмæ хосы уæлæ нымæттæ æрытыдта.
Æрæгмæ бафынæй дæн уыцы æхсæв. Мæ сæрмæ бур-бурид фиуау æрзæбул и мæйы тымбылæг. Дæлийæ кæмдæр арф комæй суанг æфцæджы рагъмæ хъуысти æхсæрдзæны æнуд уынæр, мæ тæккæ акомкоммæ комæн йæ иннæ фарсы ’рдыгæй Тызмæг хохы дæлвæдджийæ суанг дæр комы хъæлæсмæ, галы æвзагау, æрлæсти урс-урсид уадздзæг.
Мæ сæры рыст банцад. Диссаг, цымæ мын ыл цавæр кæрдæджытæ сæвæрдтой? Науæд мæ ивддзагæй цæмæн ныммырхтой? Чи у уыцы лæг — сæ зæрдæты сын мæт чи бауагъта? Стæй ацы чызг Зæринæ? Куыд цæрдæг æмæ хин разынд, куыд мæ афæлывта. Æниу, æвæдза, куыд рæсугъд у æмæ цы æвгъау у ам æфцæджы цьуппыл фосы фæдыл. Абон изæрæй мæм цалдæр хатты йæ цæсты зулæй хъуызгæ каст æрбакодта. О, ме скæнæг, æмæ йын цы цæстытæ ис, цы цæстытæ. Стæй цы гуыры конд. Зæххон дæр нæ, фæлæ уæларвон зæд.
Срæйдта мæ фысымы куыдз. Фыццаг сабыргай, стæй фæдис хуызæй. Æвæццæгæн, æввахс кæмдæр сырд, гъе, æндæр цыдæр ахæм фыдбылыз фæзынди.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.