Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

34. ХÆСАНÆ ÆМÆ БАРСÆДЖЫ ÆРБАЦЫДЫ СÆР

34. ХÆСАНÆ ÆМÆ БАРСÆДЖЫ ÆРБАЦЫДЫ СÆР
Рафыссын
Хæсанæ æцæгæйдæр фæзынди. Фыд æмæ чызджы æхсæн ны­хас куы рацыд, уымæн иу къуырийы фæстæ, иу изæр, Дзанг йæ дзуджы сæрвæтæй куы ’ртардта, раст уыцы рæстæджы комæй æфцæгмæ схизæн фæндагыл фæзындысты дыууæ лæджы. Се ’ккæйттыл сырды мæрдтæ кæй хастой, уымæй Дзанг базыдта, цуанонтæ кæй сты, æмæ се ’хсæв æфцæгмæ уымæ кæй схæссынц.
Цуанонтæ куы сæввахс сты, уæд Зæринæйы цины хъæр сирвæзт:
— Баба, акæс-ма, сæ иу Хæсанæ у! — чызг сывæллонау скафыд, стæй йæ ныхасæй фефсæрмы йæхæдæг æмæ халагъудмæ балыгъд.
Уæдмæ уæлбылмæ схæццæ сты цуанонтæ. Куыдз рафæдис сæ размæ, фæлæ йæ Дзанг баиргъæвта. Цуанонтæ сырды мард халагъуды размæ æристой æмæ салам радтой Дзангæн.
— Де ’зæр хорз, нæ фыды хай, — Хæсанæ Дзанджы къух райста. — Хатыр, æгæр нын байрæджы æмæ не ’хсæв дæумæ схастам.
— Æгас нæм цæут æмæ хайджын ут кæддæриддæр Æфсатийы дзугтæй, — раарфæ кодта Дзанг. — Æрфистæг ут, фысым уын уыдзынæн. Де ’мбалы мын нæ бацамыдтай.
— Хатыр, уый ме ’фсымæр Барсæг у, — Хæсанæ ацамыдта Барсæгмæ.
— Уæ цæрæнбонтæ бирæ æмæ нæ базоныны бон амондджын уæд. Бадгæ скæнут, уæ фæллад суадзут, — Дзанг ацамыдта халагъуды размæ дуртæм. Æрбадт.
— Хъал лæг, дам, нæ хъæр кæны йæ над, фæзæгъынц, фæлæ мах æцæг бафæлладыстæм, — Дзанджы фарсмæ йæхи дæлæуæз æруагьта Барсæг.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0