Хуссар Иры музеймæ æрбаздæхтой зынаргъ ссарæггаг

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ирыстоны музеймæ æрбаздæхтой зынаргъ ссарæггаг
Хуссар Ирыстоны музеймæ æрбаздæхтой зынаргъ ссарæггаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik. Дурджын саркофаг ссардæуыд Хуссар Ирыстоны Арцеуы хъæуы, æрбаздæхтой йæ республикæйы националон музеймæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта музейы директор Зассеты Мераб.
Зынаргъ археологон ссарæггаг ссардæуыд 1957 азы, æвæрд уыд аргъуаны кæрты, уымæн æмæ музейы цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ.
Музейы директоры ныхæстæм гæсгæ, саркофаджы мидæг æвæрд уыдысты зынаргъ ссарæггæгтæ.

"Цымыдисон уый у, æмæ ацы саркофаджы ссардæуыд æртæ стæгдары, уыдонимæ иумæ сывæллоны æмæ сылгоймаджы, бæрæггонд фæлындзæнтимæ. Хъыгагæн, зынаргъ хъæдæрмæгæй арæзт саркофаджы сæр нæ аивæрзтис. Абон уый æвæрд ис нæ музейы кæрты", - загъта ныхасæмбал.

Зассеты Мераб банысан кодта, ссарæгггаг саркофаджы историон ирæстыты тыххæй республикæйы националон музеймæ ницы информаци ис.
Ног хабӕртты лентӕ
0