Туркмæ ацæудзæн уæрæсейаг ирвæзынгæнджыты уæлæмхасæн къорд

© МЧС РФ /  Ахизын медиабанкмæТуркмæ ацæудзæн уæрæсейаг ирвæзынгæнджыты уæлæмхасæн къорд
Туркмæ ацæудзæн уæрæсейаг ирвæзынгæнджыты уæлæмхасæн къорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Уæрæсейы УУМ сæргълæууæг Александр Куренков бахæс кодта арвитын Туркмæ ирвæзынгæнджыты уæлæмхасæн къорд. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости уагдоны пресс-службæйыл æнцойгæнгæйæ.
Нысангонд æрцыд, ныртæккæ ирвæзынгæнджытæ кæй цæуынц цæттæкæнынад уæлвæткон цауы зонæмæ ацæуынæн.
Уый размæ хъусын кодтой, уæрæсейаг ирвæзынгæнджытæ кæй æрцыдысты уæлвæткон цауы бынæттæм Туркмæ æмæ Сиримæ æмæ бавнæлдтой зæххæнкъуысты фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ.
Турчы хуссайраг хайы Кахраманмараш провинцийы 6 февралы 04.17 сахатыл æрцыд 7,7 магнитудæйы зæххæнкъуыст. Фæстæдæр сейсмологтæ срегистраци кодтой æртынмæ æввахс афтершокы, боны æмбисы та – ног дæлзæххон риуыгъдтытæ 7,6 магнитудæйы. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Турчы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн амардысты 6234 адæймаджы, цæфтæ райстой 37 011.
Зæххæнкъуыст зиан æрхаста Сирийæн дæр, цы ран, фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, амардысты 1250 адæймаджы, фæцæф сты дыууæ минæй фылдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0