Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

35. СОЛЫМЫ БÆЛЛИЦТÆ

35. СОЛЫМЫ БÆЛЛИЦТÆ
Рафыссын
Сом райсом хос кæрдынмæ куы бавналон, уæд мын мæ фосы дзугтæ абæрæг кæнынæн рæстæг нал фæуыдзæн, зæгъгæ, — уæтæры уыд Солым. Фæстæмæ йæ фæндаг уыгæрдæныл акодта. Дæлбылæй йæм сыхъуыст Хъуынцелы зиууæтты цæвдджыты æхситт. Хъыг ын уыд, уыцы хин рувас йæ разæй кæй фæци æмæ, хъæубæстæй уыгæрдæн кæмæн нæй, уыдон Солымы разæй кæй баххуырста. Нæ йæ фæндыд Хъуынцелимæ фембæлын, фæлæ йын чи кусы, зæгъгæ, базона сæ, — фæуырдыг.
Кæлимæт кусджытæн сихор схаста. Цæвджыты æхситт ын цы­дæр æхцондзинад банкъарын кодта, æмæ йæ, хохы сæрты фехсæгау, йæ хъуыдытæ фехстой йе ’взонджы бонтæм. Æрымысыд, йæ фыд Сæго ма удыгас куы уыд, уæд æй цæвæгæй кæрдын куыд ахуыр кодта. Амондджын æмæ хъæлдзæг уыдысты уыцы рæстæджытæ. Стъалыйау ферттывтой æмæ уадид ахуыссыдысты. Æрмæст ма баззадысты Кæлимæты ивгъуыд бонтæ мысынæн. Æмæ та сæ æрымысыд ныр дæр... Цæвæджджынтæ сихорыл куы ’рбадтысты, уæд йæ сагъæс фергом:
— Кæддæр æз дæр арæхстæн цæвæгæй...
— Æмæ ныр та? — йæ хъустыл ауад. Уый Цорæ фарста.
— Раджы уыди уый, — уæззау ныуулæфыд Кæлимæт. — Ныр мæ мæ ном дæр ферох.
— Цæй-ма, афæлвар, Кæлимæт, — Цорæ йæм хаты.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0