Дзæуджыхъæуы æрурæдтой "Фæндагон фонды"-ы разамонæджы бюджетон фæрæзтæ адавыны тыххæй

© Depositphotos.com / BrianAJacksonДзæуджыхъæуы æрурæдтой "Фæндагон фонды"-ы разамонæджы бюджетон фæрæзтæ адавыны тыххæй
Дзæуджыхъæуы æрурæдтой Фæндагон фонды-ы разамонæджы бюджетон фæрæзтæ адавыны тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы æрурæдтой "Фæндагон фонд"-ы разамонæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы 40 милуан сомы бæрц бюджетон фæрæзтæй адавынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны ПТРК "Алания".
Нысангонд æрцыд, зæрдæмæхсайгæ кæй бафыста дыууæ контракты нардуатон организациимæ республикæйы столицæйы трамвайон рельсытæ раивыны фæдыл. Уый зыдта, сметон бахыгъдтæ аразыны рæстæджы контрактты аргъ барæй фæфылдæр кодтой, фæлæ уæддæр райста сæххæстгонд куыстытæ.
Фигуранты ныхмæ бакодтой уголовон хъуыддаг Уæрæсейы уголовон кодексы 160 статьяйы 4 хаймæ гæсгæ. Дзæуджызхæуы Ленины районон тæрхондоны скъуыддзагæй уымæн рахастой дыууæ мæйы ахæст.
Ног хабӕртты лентӕ
0