Сергей Меняйло ауагъта Антитеррористон къамис æмæ оперштабы иумæйаг рабадт

© Пресс-служба главы РСО-АланияСергей Меняйло ауагъта Антитеррористон къамис æмæ оперштабы иумæйаг рабадт
Сергей Меняйло ауагъта Антитеррористон къамис æмæ оперштабы иумæйаг рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бафæдзæхста бынæттон базарты къухдариуæгады, кæй сæ сæхгæндзысты, кæд æмæ сбæлвырд кæной антитеррористон æмæ зынгсирвæзтон æдасдзинады "Карз" фехæлдтæ. Уый тыххæй республикæйы разамонæг фехъусын кодта профилон къамис æмæ оперштабы иумæйаг рабадтыл, кæцыйы рæстæджы æрдзырдтой базарадон объектты антитеррористон æмæ зынгсирвæзтон æдасдзинадыл.
Регионы разамонæг зæрдыл æрлæууын кодта муниципалон уагдæттæн, кæй хъуамæ кусой антитеррористон æдасдзинадыл сæ дæлбар территоритыл. Меняйло хицæнæй бадзырдта базарты разамонджытæм, кæцыты нымæц Цæгат Ирыстоны столицæйы у 16.
"Æввахс рæстæджы мах æркæсдзыстæм базарты уавæрмæ антитеррористон æмæ зынгсирвæзтон æдасдзинады фæдыл. Къамисты æрбацыдмæ ма æнхъæлмæ кæсут, уæхæдæг æркæнут фæткмæ уавæр. Карх фехлæдтæ куы сбæлвырд кæнæм, уæд базартæ сæхгæндзыстæм", - хъусын кæны Меняйлойы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0