Гаглойты Алан раарфæ кодта уголовон-æххæстгæнæг системæйы кусджытæн

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта уголовон-æххæстгæнæг системæйы кусджытæ æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл.
"Хæслæвæрдтæ æххæст кæнын, кæцытæ здæхт сты фыдракæндты ныхмæ тохмæ, закъонад æмæ барадон фæткы хъахъхъæнынадмæ домынц сымахæй стыр бæрндзинад. Уæ куысты эффективондзинадыл баст у Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад, сабырдзинад æмæ не ‘мбæстæгты хæрзæбон", - дзырдæуы хъусинаджы.
Гаглойты Алан уæлдай бузныг загъта уголовон-æххæстгæнæг системæйы ветерантæн, кæцытæ æххуыс кæнынц кусджыты æвзонг фæлтæрæн ахуыр кæнын профессийы лыстæгдзинæдтæ æмæ ма аразын рæдыдтытæ.
Президенты зæрдæ загъта кусджытæ æмæ ветерантæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзæбон.
Ног хабӕртты лентӕ
0