Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой фараст украинӕйаг дроны

© Sputnik / Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министрады фехъусын кодтой, ивгъуыд суткӕйы дӕргъы уӕрӕсейаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ӕрыппӕрстой фараст украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты ӕмӕ залпон ӕхсты реактивон системӕ HIMARS-ы ӕхсӕз сармадзаны.
"Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ иу суткӕмӕ ӕрыппӕрстой залпон ӕхсты реактивон системӕ HIMARS-ы ӕхсӕз сармадзаны, афтӕ ма фараст украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты цӕрӕн пунктты Кременная, Червонопоповка, Жовтневое, Голиково Луганскаг Адӕмон Республикйы, Петровское Запорожаг областы, Саги, Катериновка ӕмӕ Маринское Херсоны областы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 384 хӕдтӕхӕджы, 207 вертолеты, 3114 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 404 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7852 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1017 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 4082 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8363 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0