Адæмон аргъæуттæ. Каунайы аргъау. Асæго

Адæмон аргъæуттæ. Каунайы аргъау. Асæго
Рафыссын
Царди ус æмæ лæг æмæ сын уыди чызг æмæ лæппу. Сæ мад амард, æмæ сæ фыд дыккаг ус æрхаста. Фыды ус сывæллæтты нæ уарзта æмæ-иу лæгæн дзырдта:
- Адон та нæ цæмæн хъæуынц, цы сæ кæнæм, аргæвдæм сæ.
- Ау, куыд сæ æргæвдæм, мæ хъæбултæ куы сты, - дзырдта лæг.
- Нæй сын æнæргæвдгæ, - нал æй уагъта сыл æмæ йын йæ быны арт кодта.
Уæд лæг дæр нал фæрæзта æмæ æрзылди. Иу бон сæм дыууæ чъыбылайы радта æмæ сæ дон хæссыныл бафтыдта.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0