https://sputnik-ossetia.com/20230214/gagloyty-alan-raarf-kodta-militsiyy-srmagond-nysaniudzhy-kordy-kusdzhytn-21498257.html
Гаглойты Алан раарфæ кодта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæн
Гаглойты Алан раарфæ кодта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæн
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Милицийы сæрмагонд... 14.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-14T12:24+0300
2023-02-14T12:24+0300
2023-02-14T12:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/0e/21494710_0:67:1280:787_1920x0_80_0_0_de5bbc7eba7790a3179d609484ed2a07.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) бæстыхай, цы ран уагъд цыд бæрæгбонон æмбырд, кæцы нывонд у дæлхайады сæвзæрды 31-æм афæдзыбонæн.Паддзахады сæргълæууæг йæ арфæйы раныхасы банысан кодта ахсджиаг бынат, кæцы ис МСНК кусджытæн республикæйы закъонад æмæ барадон фæтк æххæст кæныны хъуыддаджы.Хуссар Ирыстоны МХМ сæргълæууæг, кæцы хайад иста бæрæгбонон æмбырды, раарфæ кодта МСНК кусджытæн бæрæгбоны фæдыл. Уый фидарæй загъта, ног къухдаригадимæ дæр дæлхайады хæстонтæ дарддæр кæй службæ кæндзысты ирон адæмы хæрзæбонæн.Мадзалы кæрон президент æмæ МХМ сæргълæууæг схорзæхджын кодтой МСНК кусджыты майдантæй "Защитнику Отечества" æмæ "За службу на страже мира в Южной Осетии".
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/0e/21494710_72:0:1209:853_1920x0_80_0_0_ec16c3e18d808fe1a16da2e5538db42b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Гаглойты Алан раарфæ кодта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæн
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды (МСНК) бæстыхай, цы ран уагъд цыд бæрæгбонон æмбырд, кæцы нывонд у дæлхайады сæвзæрды 31-æм афæдзыбонæн.
Паддзахады сæргълæууæг йæ арфæйы раныхасы банысан кодта ахсджиаг бынат, кæцы ис МСНК кусджытæн республикæйы закъонад æмæ барадон фæтк æххæст кæныны хъуыддаджы.
"МСНК ис ахсджиаг бынат Хуссар Ирыстоны закъонад æмæ барадон фæтк æххæст кæныны паддзахадон системæйы. Дæлхайад арæзт æрцыд республикæйæн уæззау периоды, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ МСНК хæстонтæ райстой сæхимæ бæрндзинад закъонад хъахъхъæнын. Афтæ ма дæлхайад стыр хайбавæрд бахаста гуырдзиаг агресси аиуварс кæнынмæ", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Хуссар Ирыстоны МХМ сæргълæууæг, кæцы хайад иста бæрæгбонон æмбырды, раарфæ кодта МСНК кусджытæн бæрæгбоны фæдыл. Уый фидарæй загъта, ног къухдаригадимæ дæр дæлхайады хæстонтæ дарддæр кæй службæ кæндзысты ирон адæмы хæрзæбонæн.
"МСНК-йæ сæрыстыр у æппæт республикæ. Дæлхайады сæвзæрдæй абоны онг уыдон службæ кæнынц нæ адæмы хæрзæбонæн. Уырны мæ, уыцы хъуыдытæ, кæцытимæ арæзт æрцыд МСНК, дарддæр æххæст цæудзысты дæлхайады ног къухдариуæгадимæ дæр, æмæ МСНК дарддæр æххæст кæндзæн йæ хæстæ Хуссар Ирыстоны адæмы раз", - загъта министр.
Мадзалы кæрон президент æмæ МХМ сæргълæууæг схорзæхджын кодтой МСНК кусджыты майдантæй "Защитнику Отечества" æмæ "За службу на страже мира в Южной Осетии".