Хуссар Иры спортсмен Икъаты Сæрмæт рамбылдта дыууæ сыгъзæрин майданы Мæскуыйы Кубок IPC-йы

© Photo : Из архива тренера Артур ПлиевХуссар Иры спортсмен Икъаты Сæрмæт рамбылдта дыууæ сыгъзæрин майданы Мæскуыйы Кубок IPC-йы
Хуссар Иры спортсмен Икъаты Сæрмæт рамбылдта дыууæ сыгъзæрин майданы Мæскуыйы Кубок IPC-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссарирыстойнаг уæзисæг Икъаты Сæрмæт рамбылдта дыууæ сыгъзæрин майданы Мæскуыйы Кубок IPC-йы. Спортсмены тренер Плиты Артур куыд радзырдта журналисттæн, афтæмæй Сæрмæт иумæйагæй равдыста фæстиуæг 755 килограммы.
"Икъаты Сæрмæт ссис уæлахиздзау 125 килограммы категорийы æмæ абсолютон чемпион æртæ дисциплинæйы фæлгæтты. Сæрмæт дыууæ азы нæ архайдта ерысты травмæйы тыххæй. Ныр уый равдыста иттæг хорз фæстиуæг – иумæйагæй систа 755 килограммы", - загъта Плиты Артур.
Ерыстæ цыдысты Мæскуыйы 9-12 февралы æмæ уыдысты æвзарæн Уæрæсейы чемпионатмæ. Тренеры ныхæстæм гæсгæ, спортсмен тагъд рæстæджы райдайдзæн цæттæ кæнын чемпионатмæ.
Плиты Артур бузныг загъта республикæйы президент Гаглойты Аланæн ерыстæм ацæуынæн баххуыс кæнын тыххæй.
Икъаты Сæрмæт тренировкæ кæны Плиты Артур, Тасойты Олег æмæ Габайты Ацæмæзы къухдариуæгады бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0