Сергей Меняйло бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куыстыты темптæ капиталон арæзтады объекттыл

© Photo : Пресс-служба главы РСО-АланияСергей Меняйло бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куыстыты темптæ капиталон арæзтады объекттыл
Сергей Меняйло бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куыстыты темптæ капиталон арæзтады объекттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны къухдариуæгады сæйраг хæслæвæрдтæй иу у рæстæгыл æмæ гъæдджынæй ауадзын куыстытæ социалон инфраструктурæйы арæзтад, реконструкци æмæ капиталон цалцæджы фæдыл, банысан кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый тыххæй хъусын кæны РЦИ-Аланийы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Республикæйы сæргълæууæг ауагъта фембæлд хицауады уæнгтимæ Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районты капиталон арæзтады объектты реализацийы фæдыл.
"Ацы здæхтыл бирæ цæуы арæзт, фæлæ ис фарстытæ, кæцытæ нырма хъæуы аскъуыддзаг кæнын. Махмæ ма баззад цалдæр объекты, кæцыты хъæуы фæтагъддæр кæнын куыстыты темптæ", - загъта Меняйло.
Сæ нымæцы, дзырд цыд ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, спорт æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объекттыл, кæцытæ арæзт цæуынц националон проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæлгæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0