Тасойты Игорь радзырдта столицæйы артистты радон гастрольты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянТасойты Игорь
Тасойты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы артисттæ ацы аз хайад райсдзысты алыгъуызон мадзæлтты Уæрæсейы горæтты. Уый фæдыл бадзырдтой Цхинвалы администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты фæдыл дæлхайады хистæр Тасойты Игоры балцы рæстæджы Волгоградмæ. Уый тыххæй хъусын кæны ПТРК "Ир".
Тасойты Игоры ныхæстæм гæсгæ, сæрды райдайæны хуссарирыстойнаг артисттæ хайад райсдзысты "Славяйнаг базар"-ы, кæцы ацæудзæн Витебскы.
"Марты мах егъау сфæлдыстадон командæйæ ацæудзыстæм Хъхæрæсе-Черкескмæ, цы ран бавдисдзыстæм ирон аивад, апрелы та сæм æнхъæлмæ кæсæм нæхимæ. Афтæ ма ацы аз майы мах ауадздзыстæм гом фыццагад, æвзонг хъæбысæйхæцджытæ Черкескæй хайад райсдзысты турниры", - радзырдта уый.
Тасойты Игорь бахахх кодта, артисттæм кæй æнхъæлмæ кæсы хъæздыг æмæ пайдаджын аз.
Ног хабӕртты лентӕ
0