Уæрæсейаг авиации у суткæмæ æрыппæрста украинæйаг МиГ-29 æмæ Ми-8

© Sputnik / Валентин Капустин /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг авиации
Уæрæсейаг авиации  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй æрыппæрстой украинæйаг хæдтæхæг МиГ-29 æмæ вертолет Ми-8.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхты авиаци Черевковка цæрæн пункты районы æрыппæрстой МиГ-29 æмæ Славянка цæрæн пункты районы та Ми-8", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы цыппар сармадзаны æмæ авд украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 385 хӕдтӕхӕджы, 208 вертолеты, 3121 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 404 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7859 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1019 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 4091 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8377 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0