Уæрæсейаг æфсæддонтæ сæххæст кодтой æхстытæ Дзарцъемы полигоныл

© Photo : Пресс-служба ЮВОУæрæсейаг æфсæддонтæ сæххæст кодтой æхстытæ Дзарцъемы полигоныл
Уæрæсейаг æфсæддонтæ сæххæст кодтой æхстытæ Дзарцъемы полигоныл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддонтæ фехстой штатон сармадзантæй Дзарцъемы полигоныл.
"Т-72А танкты экипажтæ сæххæст кодтой нормативтæ æхсыны цæттæкæнынадæй, уыдон скуынæг кодтой "ныхмæлæууæджы" 4 километрæй фылдæр дистанцимæ, афтæ ма фехстой пулеметæй дæр", - хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.
Æвзæр боныгъæд нæ бахъыгдардта хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын. Пресс-службæйы бафтыдтой, зæгъгæ, экипажтæ райстой нысæнттæ "хорз" æмæ "иттæг хорз".
Танкистты профессионалон дæсниад фæхуыздæр кæнынæн дæлхайæдты æххуыс кæнынц специалисттæ, кæцытæн ис стыр æнтыстытæ Æхсæнадæмон æфсæддон хъæзтыты "Танкон биатлон" конкурсы.
Ног хабӕртты лентӕ
0