https://sputnik-ossetia.com/20230215/37kmn-kny-bynt-khuyntsel-21328471.html
37. КÆМÆН КÆНЫ БЫНТÆ ХЪУЫНЦЕЛ
37. КÆМÆН КÆНЫ БЫНТÆ ХЪУЫНЦЕЛ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Æфцæгыл фыййæутты халагъудмæ хæстæг бады Хъуынцел æмæ, зæлдаг æлвисæгау, йæ хъуыдытæ æлвисы. Табу Хуыцауæн, хъуыддæгтæ хорз цæуынц. Йæ дзугтæй цы къуымбил... 15.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-15T13:49+0300
2023-02-15T13:49+0300
2023-02-15T13:49+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/03/21328275_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_f5f1d8350ce843cb9974bebcd41b039c.png
37. КÆМÆН КÆНЫ БЫНТÆ ХЪУЫНЦЕЛ
Sputnik Хуссар Ирыстон
37. КÆМÆН КÆНЫ БЫНТÆ ХЪУЫНЦЕЛ
Æфцæгыл фыййæутты халагъудмæ хæстæг бады Хъуынцел æмæ, зæлдаг æлвисæгау, йæ хъуыдытæ æлвисы. Табу Хуыцауæн, хъуыддæгтæ хорз цæуынц. Йæ дзугтæй цы къуымбил æлвыны, уымæн чысыл нæ уыдзæн йæ пайда. Йæ фос дæр азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Сæрвæт сын нал фаг кæны. Бæргæ, уæртæ Доттийы сæрвæттæ исты хуызы йæхирдыгæй куы фæкæнид, фæлæ йæ фырт Солым — хин рувасау, зыд бирæгъау. Нæ йæм æххæссы Хъуынцел. Йæ хъæубæстæй та кæмæй цы ратона — тыхст сты. Хъуынцелы та хизæнуæттæ хъæуы. Нырмæ йæ зæрдæ нæ ради. Ныр табу йе сфæлдисæгæн, бынтæ кæмæн ныууадза, ахæм йæ уæзæгыл фæзынд. Амондджын у Хъуынцел. Ныр æнцад-æнцойæ амæлдзæн æмæ мæрдты фæсмонæй нал хæлдзæн йæ игæр.Хохы ’рдыгæй раулæфыд ирдгæ. Йæхи расæрфта Хъуынцелыл. Лæг суазал. "Цæй, чысыл æрулæфон", зæгъгæ, йæ къахдзæфтæ нымайгæ йæ хуыссæнмæ араст. Халагъудмæ бахизон куыд загьта, афтæ йæ фыййæуттæй мидæгæй сæ иуы хъæлæс, карды комау, ныцъцъыкк ласта:— Уыцы зæронд бирæгъ фынæй дæр нал кæны, æвæццæгæн, йæ фысты къуымбилæн адавынæй тæрсы...Цымæ кæмæн бынтæ кæны, емынæ? Мæнæ уæдæй нырмæ чи хуыррытт кæны, уыцы зондцух фыртæн? Æви сæ мæрдтæм йемæ ахæссынмæ хъавы?Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/03/21328275_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_b360e7883f8c2cea4ee20b010b503c22.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Æфцæгыл фыййæутты халагъудмæ хæстæг бады Хъуынцел æмæ, зæлдаг æлвисæгау, йæ хъуыдытæ æлвисы. Табу Хуыцауæн, хъуыддæгтæ хорз цæуынц. Йæ дзугтæй цы къуымбил æлвыны, уымæн чысыл нæ уыдзæн йæ пайда. Йæ фос дæр азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Сæрвæт сын нал фаг кæны. Бæргæ, уæртæ Доттийы сæрвæттæ исты хуызы йæхирдыгæй куы фæкæнид, фæлæ йæ фырт Солым — хин рувасау, зыд бирæгъау. Нæ йæм æххæссы Хъуынцел. Йæ хъæубæстæй та кæмæй цы ратона — тыхст сты. Хъуынцелы та хизæнуæттæ хъæуы. Нырмæ йæ зæрдæ нæ ради. Ныр табу йе сфæлдисæгæн, бынтæ кæмæн ныууадза, ахæм йæ уæзæгыл фæзынд. Амондджын у Хъуынцел. Ныр æнцад-æнцойæ амæлдзæн æмæ мæрдты фæсмонæй нал хæлдзæн йæ игæр.
Хохы ’рдыгæй раулæфыд ирдгæ. Йæхи расæрфта Хъуынцелыл. Лæг суазал. "Цæй, чысыл æрулæфон", зæгъгæ, йæ къахдзæфтæ нымайгæ йæ хуыссæнмæ араст. Халагъудмæ бахизон куыд загьта, афтæ йæ фыййæуттæй мидæгæй сæ иуы хъæлæс, карды комау, ныцъцъыкк ласта:
— Уыцы зæронд бирæгъ фынæй дæр нал кæны, æвæццæгæн, йæ фысты къуымбилæн адавынæй тæрсы...
Цымæ кæмæн бынтæ кæны, емынæ? Мæнæ уæдæй нырмæ чи хуыррытт кæны, уыцы зондцух фыртæн? Æви сæ мæрдтæм йемæ ахæссынмæ хъавы?
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.