Адæмон аргъæуттæ. Иунæг

Адæмон аргъæуттæ. Иунæг
Рафыссын
Цардысты иумæ ус æмæ лæг, уыди сын иунæг лæппу æмæ йæ уый тыххæй схуыдтой Иунæг. Иунæг тынг тагъд рæзти, мæйдзыдæй афæдзыккон кодта. Рахъомыл и Иунæг æмæ цуанкæнын райдыдта. Иу бон цуаны ацыд, амардта иу цæргæс, кæцы рахаста мæличчы лæппуйы. Мæличчы цуанæттæ йын раарфæ кодтой æмæ лæппуйы ахастой.
Мæликк фидиуæг фехъусын кодта:
- Мæ чызджы моймæ дæттын ахæмæн, мæ богалы мын чи абырса. Бирæ адæм æрцыди, фæлæ богалмæ йæ ныфс ничи бахаста æмæ сæрхъулæй фæстæмæ здæхтысты. Иунæг сфæнд кодта мликмæ усгур фæцæуын.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0