Цӕгат Ирмӕ улӕфынмӕ ӕрцыдысты сывӕллӕттӕ Донбассӕй

ТАМИСК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ улӕфынмӕ ӕрцыд сывӕллӕтты спортивон делегаци Донбассӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион республикӕйы фӕллойад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Хӕрзаудӕн фонд "Спасая детство" бадзырдта регионы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйломӕ, цӕмӕй сын баххуыс кӕной райсын республикӕйы территорийыл сывӕллӕтты делегаци Донбассӕй.
Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрцыд 50-мӕ ӕввахс ӕвзонг спортсмены ӕмӕ 4 тренеры. Делегаци ис Республикон сывӕллӕтты реабилитацион центр "Тамиск"-ы базӕйыл. Донецкаг Адӕмон Республикӕйӕ сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ цӕрынц ацы уагдоны сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй, сӕххӕст кодтой уыдонӕн ирон кафт.
Республикӕйы уазджытӕн сарӕзтой алы уавӕртӕ дӕр. Сывӕллӕттӕ цӕудзысты уӕгъдибар хъӕбысхӕст, аивадон гимнастикӕ ӕмӕ дзюдойы тренировкӕтӕм. Уымӕй дарддӕр сӕ зонгӕ кӕндзысты культурон цард ӕмӕ фендтаг бынӕттимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0