Адæмон аргъæуттæ. Роны кæнæ æлдары аргъау

Адæмон аргъæуттæ. Роны кæнæ æлдары аргъау
Рафыссын
Æлдар куы марди, уæд бафæдзæхста йæ фыртæн:
- Æз мæлын, фæлæ искуы мæ фæстæ куы схъуаг, куы смæгуыр уай, уæд-иу фæцу мæ хæлармæ, æмæ дын уый баххуыс кæндзæн.
Æлдар амарди, фырт æй баныгæдта, æлдарæн куыд æмбæлди, ахæм ныгæдæй. Йæхæдæг цæрынтæ, хæрынтæ систа. Цы уыди, куыд уыди æлдары исбон куынæг кæнын байдыдтой æмæ æрæджиау йæ дзыхмæ йæ къухтæ схæссынхъом нал уыди фырмæгуырæй æмæ фæцыди уæд йæ фыды хæлармæ.
Тынг бацин кодта æлдары хæлар уымæн йæ фыртыл.
- Æз уый æнхъæл куыннæ уыдтæн, æмæ ма ахæм фырт, ахæм бындар баззад мæ хæларæн. Ардыгæй афæдзыбонмæ дæ нæ ауадздзæн мæ хæдзарæй. Дæ хæдзарæн дæр тас нæ уыдзæн: никуыдæм фæлидздзæн.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0