Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл фигуранттæй иуæн йæ бафхæрыны хуыз фæивтой

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ
Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæ фæивта бафхæрыны хуыз Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл фигуранттæй иу – Годжысаты Зауырæн. Уый рауагътой рæстæгмæ æддæмæ ма ацæуынмæ рафыстимæ. Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, ахæсты ма кæй сты милицийы цыппар кусæджы. Уагдоны бахахх кодтой, милицийы кусджыты уголовон хъуыддаджы фæдыл развæлгъау фæдагуырд ис кæронбæттæн этапыл. Уголовон хъуыддаджы хайадисджыты æрмæджытимæ куы базонгæ уой, уæд хъуыддаг бадæтдзысты тæрхондонмæ.
"Криминалон милицийы кусджыты фæдыл уголовон хъуыддаг тæрхондонмæ куы бадæттой, уæд фæдагуырдон мадзæлттæ нæ фæуыдзысты. Уымæн æмæ хъуамæ саргъ кæной æндæр гоймæгты архайдæн дæр, уыдонæй кæцыдæртæ раздæр куыстой бæрнон бынæтты", - банысан кодтой Генпрокуратурæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, зæрдæхсайгæтæй иу Бибылты Джумберы фæдыл дарддæр уагъд цæуынц фæдагуырдон мадзæлттæ. Уымæн рахастой дыууæ мæйы ахæст.
2020 азы августы кæрон Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы агъуысты æрфарсты рæстæджы амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Фыдракæнд расидт уæрæх æхсæнадон резонанс, кæцы æркодта хицауады отставкæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0