Хуссар Ирмæ сэкстрадици кодтой адавдтæм зæрдæхсайгæйы

© Photo : МВД Республики Южная ОсетияХуссар Ирмæ сэкстрадици кодтой адавдтæм зæрдæхсайгæйы
Хуссар Ирмæ сэкстрадици кодтой адавдтæм зæрдæхсайгæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik. Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ сэкстрадици кодтой нæлгоймаджы, кæцыйы агуырдтой адавдтæ сæххæст кæнын тыххæй. Уый сæххæст кодта фыдракæнд Ленингоры районы æртæ азы размæ æмæ æмбæхст Уæрæсейы территорийыл, хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"2020 азы фигурант сæххæст кодта цалдæр адавды Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цæрджыты хæдзæрттæй. Фыдракæндтæ сæххæст кæныны фæстæ уый æмбæхст барадхъахъхъæнæг органтæй Уæрæсейы территорийыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Фыдгæнæджы æрцахстой мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры кусджытæ Краснодары крайы горæт Красная Полянайы.
Нæлгоймаджы Хуссар Ирыстоны территоримæ радтой уголовон бæрндзинадмæ æрбаздаханы тыххæй уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæг"-ы 2023 азы 14 февралы.
Ног хабӕртты лентӕ
0