Хуссар Иры УУМ: Транскам гом у фæндагон змæлдæн

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Гæбæраты Элина. Транскавказаг автомагистраль, митуардмæ æнæкæсгæйæ, гом у автотранспорты змæлдæн, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ).
"Трассæйы хуссарварс уыд митуард, фæлæ фæндаг ссыгъдæг кодтой æмæ дзы ныккалдтой сæрмагонд буарад. Цæгаттаг порталы дæр фæндаг у сыгъдæг. Зымæгон цæлхытимæ хæдтулгæтæн проблемæтæ нæ уыдзæн", - загътой радгæсон хайады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, районтимæ фæндагон бастдзинад нæ фехæлд.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0