Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты командон пункттæ

© Sputnik / Андрей Станавов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты командон пункттæ
Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты командон пункттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik. Уæрæсейы æфсад иттæг дырыс хæцæнгарзæй æхсы Украинæйы Гарзджын тыхты фæткдаруаты пункттæ. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Ивгъуыд суткæйы дæргъы уæрæсейаг авиаци, артиллери æмæ ракетон æфсæдтæ фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты 36-æм денджызон бригадæ, 72-æм механизацигонд бригадæ æмæ территориалон хъахъхъæнынады 102-æм бригадæйы командон пункттæ. Уымæй дарддæр скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы удæгас тыхтæ æмæ хæстон техникæ 118 районы, афтæ ма 92 артиллерион дæлхайады сæ æхсыны позицитыл.
Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы цыппар сармадзаны, 20 украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ вертолет Ми-8.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 385 хӕдтӕхӕджы, 209 вертолеты, 3152 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 404 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 7891 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1024 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 4111 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8407 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0