УУМ кусджытæ хуыссын кæнынц зынгсирвæзт турбазæ "Осетия"-йы бæстыхайы

© SputnikУУМ кусджытæ хуыссын кæнынц зынгсирвæзт турбазæ "Осетия"-йы бæстыхайы
УУМ кусджытæ хуыссын кæнынц зынгсирвæзт турбазæ Осетия-йы бæстыхайы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Раздæры турбазæ "Осетия"-йы ныккæндон бæстыхайы æрцыд зынгсирвæзт. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайады.
"Цауы бынатмæ ацыдысты дыууæ зынгфæдисон хæдтулгæйы", - банысан кодтой министрады.
Турбазæ "Осетия"-йы бæстыхайы ис лигъдонты коллективон цæрыны центртæй иу. Абоны бон дзы цæрынц æрдæг сæдæйæ фылдæр бинонтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0